БÆБУЙЫ СКЪОЛА (ПУЛЬС ОСЕТИИ ВЫПУСК №23 ИЮНЬ)
Тлаттаты хъæуы Гуытъиаты æфсымæртæ нымад адæм уыдысты. Сæ мулк, сæ æхсæнадон уавæрмæ гæсгæ нæ, фæлæ дзуапджын, цæсгомджын, аудаг кæй уыдысты, уымæн.
«Ради просвещения братьев своих по вере, а равно и привлечения в лоно святой церкви окружающих иноверцев путем христианского просвещения, он, Гакка Гутиев (в крещении Николай), в 1898 году открыл в ауле Тулатово первую школу, церковноприходскую, пожертвовав под школу свой собственный дом с усадьбой стоимостью свыше 700 рублей», — фыста скъолаты инспектор игумен Леонид йæ хъусынгæнинæгтæй иуы йе стыр сыгъдæгдзинад Гуырдзыйы экзарх Палладимæ. Экзархæн уыцы хъуыддаг æхсызгон уыдис, æмæ Гуытъиайы-фыртæн арфæ ракодта.
Уый уыдис фыццаг скъола Тлаттаты хъæуы. Йæ цæрджыты нымæц уа бирæ нæма уыдис. Æдæппæт дзы цардис дыууæфондзыссæдз бинонтæ.
Хъæуы уыд куырыхон хистæртæ, зонады фæндаджы фидæныл чи хъуыды кодта, ахæмтæ. Бæргæ сæ фæндыд, сæ сабитæ искуыд царды размæ куы рацыдаиккой. Фæлæ куыд? Цы амалæй? Æмæ уæд Гуытъиаты сыхы цæрæг æфсымæрты хистæр Гæкка ныффæнд кодта искуыдтæй ахуыргæнæндон байгом кæнын.
Раст уыцы рæстæг Уæллаг Мызурмæ æрыздæхт Зæнджиаты Хъассайы иунæг бындар Бæбу. Æрдзæй зонаг, алцæуыл бæстон хъуыдыгæнаг, æгъдауджын — ахæмæй зыдтой мызуйрæгтæ Хъассайы фырты. Хъæуы аргъуаны скъолайы ахуыр кæнгæйæ дæр тынг хорз ахуыргæнинагыл нымад уыд, Кутаисы ахуыргæнджыты семинар дæр иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ фæци каст.
Бæбуйæн Æрыдоны уыдис æрдхорд хæлар — Æмбалты Цоцко. Кæрæдзийæн æфсымæры ад кодтой, æнæ кæрæдзи бирæ рæстæг нæ фæрæзтой. Сæ дыууæ дæр иттæг тырныдтой ирон фæсивæды ахуыры фæрцы царды размæ ракæнынмæ. Сæ дыууæ дæр æнæкæрон уарзтæй уарзтой Иры уарзон хъæбул Хетæгкаты Къостайы.
Ныр, Бæбу ахуыргæнæджы сæрмагонд гæххæттимæ куы æрцыд Кутаисæй, уæд дæр та фембæлдысты, æмæ йын Цоцко рахабар кодта, йæ хорз зонгæ Гуытъиаты Гæкка Тлаттаты хъæуы кæй сфæнд кодта мæгуыр адæмы сабитæн скъола байгом кæнын.
Дыккаг бон Бæбу æмæ Цоцко абалц кодтой Гуытъиатæм. Гæкка уазджытыл иттæг-иттæг бацин кодта, æгъдау куыд амыдта, афтæ зæрдиагæй баузæлыд. Се ‘хсæн рауад хъуыддаджы ныхас дæр, сæ дыууæтæн дæр æхсызгон чи уыд, ахæм. Уыйадыл Бæбу баззад Тлаттаты хъæуы Гуытъиаты Гæккайы хæдзары.
Дыууæ уаты уал рахицæн кодта Гæкка йæ хæдзарæй, цæмæй дзы байгом уа ахуыргæнæндон скъола. Гæкка уымæ рагæй бæллыд, æмæ ныр ахуыргæнæг куы фæзынд, уæд æй бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы сæр ницæмæнуал бахъуыд. Йемæ æмзонд, æмхъуыды чи уыд йе ‘мхъæуккæгтæй, уыдонимæ бауынаффæ кодтой, куыд тагъддæр бацæттæ кæной уыцы дыууæ уаты ахуыртæм, ууыл. Самал кодтой стъолтæ, бандæттæ, æндæр хъæугæ æрмæг. Ноджы Бæбу къухæй алцæмæ дæр хорз арæхст.
Куыннæ хъуамæ бацин кодтаид Гæкка ахæм сæрæн лæппуйыл, куыд нæ хъуамæ балæууыдаид уымæ
ноджы хæстæгдæр.
Ирон адæммæ лæгдзинад æмæ куыстуарзондзинад кæддæриддæр намысы бæрæггæнæн уыдысты. Фæлæ уæддæр адæм адæм сты. Иуæй-иутæ ног æрбацæуæгмæ дæргъвæтин рæстæг фæкæсынц лæмбынæг, цы у, цавæр у, зæгъгæ. Бæбумæ дæр уæдæ куыд нæ кастаиккой ахæм цæстæй. Фæлæ бирæ рæстæг нæ бахъуыд, цæмæй йыл адæм баууæндыдаиккой. Неууæндон зæрдæ йæм чи дардта, уыдон дæр чысылгай æрæууæндыдысты, сæ хъæуы фыццаг ахуыргæнæг зондджын, хъаруджын æмæ æгъдауджын лæппу кæй у, ууыл. Уымæн хуыздæр æвдисæн та уыдис уый, æмæ, фыццаг Гæккайы скъола кæй хуыдтой, уый райдыдтой хонын Бæбуйы скъола.
Ахуырдзауты нымæц бонæй-бон фылдæр кодта. Чырыстон диныл хæст сабиты фарсмæ æрбадтысты пысылмон диныл хæст бинонты сабитæ дæр. Ахуыргæнæджы арæхстдзинад иттæг райдыдта сæ зæрдæмæ цæуын. Дыууæ уаты сын нал фаг кодта, æмæ уæд Гæкка сфæнд кодта йæ хæдзар иууылдæр скъолайæн раттын. Чысыл рæстæг куы рацыд, афтæ та йæ мидзæрдæйы скарста скъолайы агъуыстмæ ма бафтауын, кувгæ кæм кæной, ахæм чысыл агъуыст.
Дыууæ азы рацыд, афтæ Бæбуйы скъолайы фæзынд æндæр ахуыргæнджытæ дæр, уымæн æмæ иунæг Зæнджион нал æххæст, уыйбæрц сабитæ райдыдтой цæуын ахуыр кæнынмæ. Скъолайæн разамонæгыл нымад цыдис Зæнджиаты Бæбу.
Уыцы азты Гæккайы æфсымæр Алыксандр дæр райдыдта архайын
йæхи хардзæй скъола саразын æмæ байгом кæныныл. Ахуыр та дзы хъуамæ кодтаиккой чызджытæ. Уæды рæстæг нæдæр кæсæгмæ, нæдæр мæхъхъæлмæ, нæдæр цæцæнмæ, нæдæр Кавказы иннæ адæмтæм уыд ахæм скъола. Алыксандры хъуыдыйы ныхмæ уыдысты, бынæттон адæмæй пысылмон диныл хæст чи уыд, уыдон. Фæлæ прогрессивон тыхты фарс уæвæг куырыхон ирон лæгтæ æрлæууыдысты Алыксандры фарсмæ. Уыдоны хъуыдыимæ сразы Сыгъдæг Синод дæр, æмæ 1900 азы Тлаттаты хъæуы (Беслæны) кусын райдыдта, чызджытæ кæм ахуыр
кодтой, ахæм дины скъола. Йæ саразынæн Гуытъиаты Барис радта 600 сомы, Фриаты Дзамболат самал кодта чъыр, Тебиаты Акко скъолайы арæзтадæн уæрдонæй ласта æлыг æмæ змис, Цгъойты Хъауырбег самал кодта дранкæ, Гуытъиаты Харитоны хардзæй фæзынд пъолтæ ныххуыйынæн тæрс фæйнæджытæ. Къултæ сæрста Петр Кусков, æфснайгæ та кодта Мария Румянцева йæ сыхæгтимæ. Афтæ адæмы хъæппæрисæй скъола срæвдз. Райдыдта кусын.
Гуытъиаты æфсымæртæн сæ бон цæмæй уыд, уымæй æххуыс кодтой скъолайы куыстæн. Гæкка, Алыксандр æмæ Харитон æлхæдтой чингуытæ, фыссынæн хъæугæ дзаума, партæтæ, стъолтæ, рафыстой-иу газеттæ, журналтæ. Гуытъиатæ сæхимæ райстой, скъола æмæ ахуыргæнджытæ кæм цардысты, уыцы бынæтты арт кæныны хæс дæр.
Советон хицауад куы æрфидар, уæд Бæбуйы скъола нымад уыдис Беслæны фыццаг скъолайыл. Ахуыр
дзы кодтой кусджыты æмæ зæх-кусджыты сывæллæттæ. Æмæ кæд Бæбу уыцы рæстæг Беслæны нал куыста, уæддæр æй адæм хуыдтой Бæбуйы скъола.
Хорздзинадæн сæфæн нæй. Адæмæй нæ ферох скъолайы сырæзтыл аудджыты хорздзинад дæр. Владикавказы епархийы 10-æм зылдмæ хауæг Беслæны Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны сауджын Цомайты Харлампийы (Хадзырæты) бирæ курдиæтты фæстæ Гуытъиаты Гæккайы схорзæхджын кодтой Сыгъдæг Станиславы орденæй. Гуы-тъиаты Алыксандр æмæ Фриаты Барисы та сызгъæрин майдантæй.
Зæнджион кæд хæрз æрыгонæй æрлæууыд ахуыргæнæджы куыс-тыл, уæддæр йæ æрдзон курдиат æмæ адæмуарзондзинады фæрцы хъæуы адæмы æхсæн куырыхонты æмсæр нымад цыдис. Йæ фарсмæ цы æмбаргæ зæрæдтæ æрбалæууыдысты, уыдон иттæг разы уыдысты ахуыргæнæджы архайдæй, йæ арæхстдзинадæй, йе ‘гъдау æмæ йæ бирæуынаг зондахастæй.
Ирон адæмы ахуырады рухс æнæмæнг кæй хъæуы, ууыл уыд сæ хъуыды, уымæ тырныдтой. Ноджы ма Зæнджион йæ хъомылгæнинæгты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтимæ куы базонгæ кодта, уæд уæлдай тынгдæр бахæстæг удæй удмæ Беслæны адæмимæ.
Гуырысхойаг нæу, уыцы азты Бæ-
бу йе ‘ргом уæрæсейаг æмæ фæса-
рæйнаг хуыздæр фысджыты сфæл-дыстадмæ кæй аздæхта. Афтæ никуы вæййы, æмæ адæймаджы зондахаст уыцы иу уысм къæссавæлдæхт фæуа. Афтæ никуы вæййы, æмæ адæймаг йæ зондахаст, йæ зонындзинæдтæ уыцы иу уысм æндæртыл æрбаива. Адæймаг цард, адæм, æрдзимæ куыд фылдæр æмæ хæстæгдæр зонгæ кæны, афтæ фылдæрæй-фылдæр фæкæнынц йæ зонындзинæдтæ, йæ зондахаст, афтæ ивынц æмæ хъæздыгæй-хъæздыгдæр кæнынц йе ‘нкъарæнтæ, йæ бæллицтæ, йæ зонындзинæдтæ. Уыдонимæ адæймаг йæ миднымæры скæрды йæ царды, йæ архайды фæндæгтæ. Æвæццæгæн Бæбу Стыр Мызуры уæлвонг бæрзондæй йæ фыццаг къахдзæф куы ракодта стыр дунемæ, Кутаисмæ ахуырмæ куы рараст йæ фыдæлты уæзæгæй, уыцы бонæй суанг Беслæны фыццаг скъолайы сæргъы æрлæууыны онг йæ миддунейы бирæ ивддзинæдтæ æрцыд. Бирæ ног адæм, бирæ ног хъуыддæгтæ æмæ хъуыдытæ схъæздыг кодтой хохаг цардбæллон лæппуйы миддуне. Кутаисы ахуыргæнджыты семинары ахуыр кæнгæйæ, æнæмæнг, бирæ ногдзинæдтæ базыдта, бирæ ног хъуыдытæ гуырын байдыдтой йæ сæры. Йæ цæстытæ байгом сты Дунейы хъæздыгдзинæдтæм. Базыдта, Кавказы айнæг хæхты æдде æнæкæрон фурдау кæй ис æгæрон дуне бирæвæрсыг цард æмæ рæзты хъуыддæгтимæ. Цы хъуыста, цы уыдта, цæимæ йæ зонгæ кодтой йæ ахуыргæнджытæ, йæ семинарон æмбæлттæ, чингуыты диссаджы хъæздыгдзинæдтæ, уыдон хæрзæфснайд, хæзнадон чырынау, йæ зæрдæйы арфдæр ран хаста. Хас-та, æмæ-иу æй йæ цард цы адæмимæ баиу кодта, уыдонæй алкæмæн дæр йæ лæвары хай не ‘вгъау кодта. Йæ зæрдæйы та абухтой, цæстæй уынæн кæмæн нæ уыд, ахæм бæллицтæ æмæ фæндиæгтæ. Уыдон се ‘ппæты ахсджиагдæрыл та нымадта йæ раттæг адæмæн ахуырад æмæ æцæг царды алæмæты рухс балæвар кæнын. Уыцы хъуыдытæ, уыцы бæллицты мидгалуаны дуæрттæ уæрæх байтыгъта йæ ахуыргæнинæгты раз æмæ сæ хуыдта йемæ размæ, кæрон кæмæн нæй, уыцы зонындзинæдты дунемæ, адæймаджы фарн æмæ æгъдауы рæсугъддзинадмæ.
Беслæны скъола рæза, фидар кæна, фæсивæдæн фидæны рухс цардмæ фæндаг гæрда, ууыл чи архайдта, уыдонимæ уыдысты Торчынты Бицо æмæ Афæхъо, Æмбалты Гино, Тебиаты Леуан, Кокуаты Хатæхцыхъо æмæ Садуллæ, Гуытъиаты Джеор,
Хуызмиаты Æнхъæл æмæ Сослæнбег, Хæдарцаты Елæмырзæ, Тæтæрхъан æмæ Исо, Хадыхъаты Ахмета, Тхостаты Саукуыдз æмæ Техъмырзæ, Куы-дзойты Ибрагим, Алыбегты Дото, Фриаты Барис æмæ ма ноджы бирæтæ.
Къамы кæй уынут, уыдон сты, нудæсæм æмæ ссæдзæм æнусты арæныл рухстауджытæ. Дины кусджытæ æмæ скъолаты куыстыл аудæг Беслæныхъæуы (Тлаттаты хъæуы) цæрæг дзырддзæугæ адæймæгтæ. Се ‘ппæты нæмттæ базонын къухы нæ бафтыд. Чи зоны, газеткæсджыты æххуысæй сæ абоны ирæттæ базондзысты. Бæрæг чи у, уыдон та сты: фыццаг рæнхъы — Цоколаты Мæхæмæт, Гуытъиаты Гæкка (йæ риуыл, йæ хæдзары скъола байгом кæныны тыххæй хорзæхгонд цы орденæй æрцыд, уый), (кæройнаг бæрæг нæу), йæ фарсмæ бады
Хуызмиаты Атто; дыккаг рæнхъы —
Тебиаты Акко (йæ хæдзары уыд сывæллæтты библиотекæ), Хуызмиаты Елбыздыхъо (амард 1916 азы), Гуытъиаты Мырза, Битарты Евген (иннæты нæмттæ бæрæг не сты).
Фиппаинаг. Абон дæр ма Беслæны зæронд цæрджытæй фехъусæн вæййы ахæм ныхæстæ: «Гуытъиаты сых», «Гуытъиаты куыройы цур»,
«Гуытъиаты цæхæрадоны бынат». Ацы сыхы ма ныртæккæ дæр цæрынц Гуытъиаты хорз байзæддагæй цал-дæры бинонтæ. Кæд кæддæры сых йæ хуыз аивта рæстæджы домæнтæм гæсгæ, кæд хæссы æндæр ном, уæддæр æй адæм хонынц йæ зæронд номæй. Гæккайы хæдзар кæм уыд, фыццаг ахуырдзаутæн скъолайæн кæй балæвар кодта, уыцы бынаты абон фенæн ис фондзуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ. Чысыл фалдæр та, стыр фæндаджы фаллаг фарс хурмæ æрттивынц Беслæны абоны фыццæгæм скъолайы рудзгуытæ.
Ацы скъола абон хæссы, сабиты сæрвæлтау йæ цард чи снывонд кодта, уыцы ахуыргæнæг Канидийы ном.
Скъола рацыд царды рæсугъд фæндæгтыл, фæуæлахиз зындзи-нæдтыл дæр æмæ, экстремизмы цъаммар тугуарæнтæ бавзаргæйæ, рацыд хъаймæты фыдæвзарæнты. Беслæны фыццæгæм скъола ахызт мæлæты сæрты, йæ бирæ хъæдгæмттæн ныф-фæрæзта, йæ тугæмхæццæ цæссыгтæ ныссæрфта æмæ та ногæй сабиду-джы хоны цардмæ, рухсмæ, фидæны амондмæ. Йæхимæ æркæсын кодта æгас дунейы адæмты, уымæн æмæ зæххон адæм никуыма федтой, ацы скъола цы тугæвзарæнтæ баййæфта, ахæмтæ. Никуыма федтой адæм, ацы скъола цы лæгдзинад равдыста, ахæм дæр. Чи зоны, уыцы стыр лæгдзинад, уыцы æгæрон фæразондзинады фурды кæмдæр æмбæхстæй цæры, Зæнджиаты Бæбу ам цы фарны фæд ныууагъта, уый дæр.
Кæд скъолайы раздæры агъуыст ныр кусынæн нал бæззы, уымæн æмæ йæ цардхор экстремисттæ ныппырх кодтой, уæддæр скъолайы зæрдæ цæры, цардбæллонæй тырны фидæнмæ. Нæ йыл фæтых сты нæдæр рæстæг, нæдæр фыдбонтæ.
Цæры, цæры æмæ царды уылæнты фидæнмæ ныфсджынæй ленк кæны Бæбуйы скъола. Цæры Гуытъиаты Гæккайы скъола. Зонындзинæдтæ æмæ Бæллиц, Удварн æмæ Цард сты йæ сæйраг хотыхтæ. Уыцы хæзнатимæ сабидуг риуæмбæрц тырны йæ рухс фидæнмæ. Уыцы рухс фидæн уыд скъолайы бындурæвæрæг æмæ фыццаг ахуыргæнæг Зæнджиаты Хъассайы фырт Бæбуйы бæллиц.
Соттион
Комментарии
Комментарии к данной статье отсутствуют
Добавить свой комментарий