Кæдмæ афтæ уыдзæн?! (Пульс Осетии, № 9, март 2014)
А фæстаг рæстæджы радиойæ, телеуынадæй, газетты фæрс-тыл зæрдиаг ныхас цæуы, рес-публикæйы горæтты æмæ хъæуты нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ цæмæй хъахъхъæд æрцæуой, нæ ирондзинад ма фесæфа. Сæ хъуыды-тæ дзурынц, сæ фæндтæ зæгъынц цæрджытæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ бирæ бакусын хъæуы, цæмæй алы хъæуты дæр ацы куыстыл цæуа зæрдиаг архайд. Уый та æнцон хъуыддаг нæу. Хъуамæ æппæт æхсæнад архайа, цæмæй ирон æгъдау, ирон æфсарм, ирон кад æмæ рад сбадой сæ бынаты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам, кæй куыд фæнды, афтæ кусæн нæй. Хъæуты, районты ныхас-ты разамонджытæн хъæуы иудадзыг феххуыс кæнын, афоныл сын хъуамæ загъд цæуа, кæм рæдийынц, уый, æххуыс сын кæной, цавæр мадзæлттæ кæнын хъæуы, æмæ æндæр фæзилæнтæ.
Æмбæрстгонд у алкæмæн дæр, ацы ахсджиаг хъуыддаг хауы нæ республикæйы Дунеон æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæм. Уыдон хъуамæ цæуой районтæм, хъæутæм, хъуамæ, уавæр кæм куыд æвæрд у, уый зоной æмæ сын афоныл сæ аиптæ амоной. Фæлæ йæ æргомæй зæгъæм, иппæрд у ацы фарс-та нырмæ не «Стыр Ныхас»-ы.
О, фæлæ нæ ныхасы сæр фыццаджыдæр у æндæр хъуыддагыл: Алагиры районы цæрджыты сагъæсы чи бафтыдта, уый. Ныр цы зæгъдзысты нæ ирон адæм, нæ куырыхон лæгтæ, сыхаг республикæтæ, æндæр ран чи цæры, уыцы ирон адæм? Кæд уыцы адæм бакастысты æрæджы 23 февралы 22 сахатыл «Алани»-йы телеуынадон равдыстмæ, уым сæрмагондæй ныхас цыдис мысайнæгты тыххæй. Æмæ нæ æмхуызонæй дисы бафтыдта «Стыр Ныхас»-ы сæрдары æххуысгæнæг Хуытъиаты Таймуразы раныхас. Чи зоны, æмæ куысты нырмæ цы аиптæ ис, уыдон раст сты. Фæлæ иу дæнцæгæн дæр не ‘рхаста, уавæр æвзæр кæм у, ахæм кувæндон. Чи йæм байхъуыста, уый æнæмæнг загъта, ацы лæг (Таймураз) Алагиры Ныхасы куыстмæ ницы бар дары. Æрмæст фидарæй загъта, кувæндæтты цы æхцайы фæрæзтæ æмбырдгонд цæуынц, уыдон давынц иуæй-иутæ, æвæрынц сæ сæ дзыппыты, зæгъгæ. Уæд, ау, Алагиры районы иу раст адæймаг, давгæ чи нæ кæны, ахæм нæй?! Кæй зæгъын æй хъæуы, ис!
Зæгъын нæ фæнды: ныртæккæ мысайнæгтæ къуыри иу хатт сæрмагонд къамисы уæнгтæ фондз адæймагæй исынц, банымайынц сæ, саразынц акт, цы æхца банымайынц, ууыл. Æмхуызонæй сæ къухтæ бавæрынц актыл. Фæрæзтæ лæвæрд æрцæуынц бухгалтеримæ. Президиум æмæ къамисы уæнгтæ — сæ сæрдар Абойты Анатоли — æхцайы фæрæзтæ дих кæнынц адæмы курдиæттæм гæсгæ. Алы сом дæр цæуыл хардзгонд æрцыд, уый тыххæй арæзт æрцæуы хъæугæ гæххæтт. Æмæ адæмы мысайнæгтæй иу сом дæр сæфт нæу! Ацы фарстатыл зæрдиагæй кусы Алагиры Ныхасы сæрдар Баскаты Никъала.
Фæлæ, Таймураз, цæмæн цъыфкалæн ныхæстæ кæныс Алагиры районы Ныхасы уæнгтыл? Æрцу-ма Алагирмæ æмæ сбæлвырд кæн, адæмы мысайнæгтæ давд цæуынц æви нæ. Сбæлвырд кæ, цы фæвæййынц, цавæр хъуыддæгтыл хардзгонд цæ-уынц, уый. Фæлæ никуы уыдтæ Алагиры районы Ныхасы координацион советы уæнгтимæ. Уымæн æмæ Алагиры районы Ныхасæй лæуут бынтон дард. Афæдз фæци, уæдæ цыппар азы дæр рацыд фæстаг конференцийæ, фæлæ районы Ныхасæн дзуапдæттæн æвзарæн æмбырдтæ æмæ районы конференци скæныныл ничи архайы. Æнхъæлмæ кæсæм, цымæ кæд уыдзæн Алагиры районы конференци?! Цыбыр ныхасæй, нæ районы Ныхас кусы, нæ кусы, уый «Стыр Ныхас»-ы не ‘ндавы, æрмæстдæр сæ æндавынц мысайнæгтæ. Кæд уыди уый, æмæ нæ фыдæлтæн мысайнæгтæ дзырддаг уыдысты?! Адæмы кæрæдзийы мидæг цæмæн цæуын кæныс? Нæ кувæндæттæ дзырддаг цæмæн сты? Мах фæнды фæсидын нæ ирон адæммæ: ма рох кæнæм нæ ирон дин, æмæ нæм уыдзæн æгъдау, фарн æмæ уæздандзинад.
БЕСОЛТЫ Владимир, ПАСТУХОВ Валерий æмæ æнд.
(æдæппæт 8 къухæвæрды)
Комментарии
tadalafil generic buy provera pills with mastercard buy valtrex
diclofenac mail order Buy Provera buy erythromycin cheap aldactone more bonuses
adalat keflex cephalexin diclofenac sod ec 75 diclofenac gel
crestor valacyclovir valtrex femcare where to get propecia singulair generic buy chloromycetin zoloft drug extra resources
wh0cd983401 deltasone 5 mg viagra pharmacy prices zoloft synthroid online cephalexin lynoral view generic viagra price comparison buy motilium online crestor medicine
wh0cd485452 order aciclovir Tenormin buy nexium
wh0cd454756 tretinoin gel .05 lasix
wh0cd924189 homepage here
wh0cd682253 sildenafil no rx
wh0cd997223 prozac no rx propecia sildenafil soft tabs
wh0cd560051 buy diflucan eurax online citalopram
wh0cd369068 generic advair diskus
wh0cd917767 found here azithromycin generic viagra
wh0cd664005 generic karela pamelor 25 mg capsule roxithromycin best topical vitamin c for skin benzac omnicef for strep
wh0cd810951 Buy Tretinoin toradol price
wh0cd888268 Nexium Over The Counter
wh0cd194537 cymbalta medication doxycycline 100mg price of viagra sildenafil homepage here generic tadalis
wh0cd944620 lasix medication click for source lasix loop diuretic
wh0cd520011 propranolol 40 himcolin clonidine generic duricef
wh0cd417911 Trazodone No Prescription azithromycin online
Добавить свой комментарий